«Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!
Æрттив. Æхсид æнусбонтæм æдасæй!»
О, мæ ахсджиаг, о ме взаг,
О мæ фыдæлты хъæлæс!
Дæу лæджы ном æмæ фарнау
хизын сæфты къахæй æз!..
Габдулла Тукай.
Хъодзаты Æхсар куы тæлмац кодта ирон æвзагмæ тæтæйраг поэт Габдулла Тукайы æмдзæвгæ, уæд равдыста йе ́ нæкæрон уарзондзинад йæ фыдæлты æвзагмæ.
Цымæ цы ис зынаргъдæр адæймагæн йæ бинонтæй уæлдай? Кæй зæгъын æй хъæуы Райгуырæн бæстæ æмæ мадæлон æвзаг. Æрмæстдæр мадæлон æвзаг «ныххойы зæрдæйы къæсæртæ!»
15 майы Ирыстон бæрæг кæны Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уымæ гæсгæ горæты арæзт æрцыд алыхуызон мадзæлттæ.
Дзæуджыхъæуы 28 –æм скъола æрвылаз æхсызгонæй сæмбæлы ацы боныл!
Афтæ, ирон адæмы уарзон хъæбул, зындгонд фыссæг, нывгæнæг, Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар - музейы арæзт æрцыд номарæн изæр 28 –æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æмæ 1-11 кълæсты ахуырдзауты хихъæппæрисæй. Ирон æвзаджы бæрæгбонмæ скъоладзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисаг æрмæг. Зарджытæ, сценкæ, æмдзæвгæтæ, фæндырдзагъд, викторинæ, ирон уæздан кафт «Хонгæ».
Æхсызгонæй ныл сæмбæлдысты музейы кусджытæ, хайады хæдивæг Хъесаты Эльзæимæ. Сабитæн радзырдта Хетæгкаты Къостайы цардæй цымыдис хабæрттæ. Уый фæстæ нæ схуыдтой дыккаг уæладзыджы цы аив агъуыст ис, уырдæм.
Цалынмæ уазджытæ цыдысты, уæдмæ сывæллæттæ сæхи срæвдз кодтой равдыстмæ.
Нæ бæрæгбонмæ саккаг кодтой кадджын уазджытæ.
Геннадий Аламиа, абхазаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг, ратæлмац кодта абхазаг æвзагмæ Къостайы «Ирон фæндыр». 14 майы, Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты ирон филологийы факультеты 95 -æм азы юбилейы хорзæхгонд æрцыди майдан «Ирыстоны цытæн» - æй. Геннадий се ́ ппæтæн дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта бæрæгбоны фæдыл.
Аив ирон æвзагыл радзырдта Суададжы астæуккаг скъолайы сæргълæууæг Козаты Зауыр дæр.
Дыууæ скъолайы ахуыргæнинæгтæ дисы бафтыдтой, сæ аив, уæздан ирон ныхасæй. Адæймаг сæм хъусынæй не ʹфсæсти!
Бæрæгбоны кæрон музейы кусджытæ арфæ ракодтой уазджытæн æмæ хуыздæр дзурджыты схорзæхджын кодтой
Грамотæтæй, ирон чингуытæй.
Ныфс мæ ис, ахæм рæзгæ фæлтæримæ ирон æвзагæн тас кæй нæ у фесæфынæй!
28-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг Дзаттиаты Оксанæ