A A A
Цвет:C C C
Изображения Вкл. Выкл.
29
01
2020

«Фæлтæрддзинад парахат кæныны пайда»


Дзæуджыхъæуы 28 –æм скъолайы ис бирæ хорз æгъдæуттæ. Уыдонæй иу у хъомыладон куыст рæзгæ фæлтæримæ. Уый тынг вазыгджын æмæ ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытыл ис стыр бæрн. Цæмæй сывæллæттæм уарзондзинад гуыра мадæлон æвзагмæ, Райгуырæн бæстæм, фыдæлтæ нын цы æгъдæуттæ ныууагътой, уыдонмæ, уый тыххæй хъæуы цымыдис æрмæг цæттæ кæнын уроктæм. Ахуыргæнджытæ хъуамæ æппынæдзух кусой сæхиуыл, парахат кæной сæ зонындзинæдтæ. Уымæн та пайда сты ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы кусджытæ цы семинартæ фæкæнынц, уыдон.

Тъæнджы мæйы 2-æм боны 28-скъолайы ацыди ахæм семинар. Бæрнон уыди кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Кцойты Маринæ. Уазæгуаты æрбацыдысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæджытæ. Семинары райдиан æрбацæуджытæн арфæйы ныхæста ракодта скъолайы сæргълæууæн Гуыриаты Людмилæ.

Семинары мастер – класстæ равдыстой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Харебаты Оксанæ, Цæрикъаты Ритæ, Туаты Фатимæ.

Темæтæ уыдысты цымыдис, æвдыст æрцыд бирæ куысты хуызтæ, радзырдтой, куыд арæзт цæуынц, цавæр мадзæлтты фæрцы, цы пайда хæссынц æмæ сывæллæтты цæстæнгас ахæм æрмæджытæм.

Кцойты Маринæ, Калоты Альбинæ, Куыдзиаты Элладæ, Багъраты Раксанæ, Тотойты Ларисæ æмæ иннæ ахуыргæнджытæ тынг зæрдиагæй архайдтой урокты этапты. Дзуапп лæвæрдтой, къордты куысты ерыс кодтой, дзырдбыдтæ хæлдтой, лæмбынæг кастысты æмæ хъуыстой дзурæгмæ.

Семинары фæстæ Маринæ скодта хатдзæгтæ, ахуыргæджытæ дæр загътой сæ хъуыдытæ. Иууылдæр æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ, цæмæй арæхдæр æмбæлæм æмæ кæрæдзийы фæлтæрддзинад уынæм, размæ йæ хæссæм, пайда дзы кæнæм нæ куысты. Æмæ уæд рæзгæ фæлтæр дæр сæхи иваздзысты куыд зонындзинæдтæм, афтæ æцæн патриот суæвын Ирыстонæн.

 

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Харебаты Оксанæ

Вернутся к списку

ТЕЛЕФОНЫ:

+7(8672)41-11-26 
+7(8672)41-11-27

@mail: vladikavkaz.28@mail.ru


362040, РСО - Алания, г.Владикавказ, ул. М.Горького, 39