Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг. Ацы хъуыддаг бӕрзонд ӕвӕрд у 28-ӕм астӕуккаг скъолайы.
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ сӕ скъоладзаутимӕ бацӕттӕ кодтой диссаджы бӕрӕгбон «Мадӕлон ӕвзаг мадау адджын у»! Хъуыстис мадӕлон ӕвзагыл сценкӕтӕ, зарджытӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, фӕндыры цагъд! Бӕрӕгбон уазӕгӕй фидауы. Буц уазджытӕ уыдысты: «Иры Стыр Ныхас» -ы Координацион советы сæрдары хæдивæг Туаты Руслан. Ахуырад ӕмӕ ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны фарстаты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Бургалаты Заремӕ.