A A A
Цвет:C C C
Изображения Вкл. Выкл.
26
10
2022

Дæ кад мыггагмæ у цæринаг


Дзыллæты амондыл тохы чи  нæ бафæллад, ахæм адæймагæн мæлæт нæй. Ис  ын æрмæст  райгуырæн бон. Уый  свæййы адæмон бæрæгбон. Ахæм кадджын бон сси Ирыстонæн кæфты мæйы фынддæссæм бон.  Æмæ та абон æрымысæм Къостайы.
«Мæ дуне – кувæндон!
Уарзондзинад – мæ Хуыцау!
Æгас дуне Фыдыбæстæ мæнæн»!
Ирон номдзыд поэты рæнхъытæ! Адæймаджы бафтауынц арф хъуыдытыл, йæ дадзинты йын ауадзынц сæрыстырдзинад, Ирыстоны ахæм пехуымпар лæг гуырд кæй æрцыд.
Ирыстоны номдзыд поэт, рӕстдзинадыл зарӕггӕнӕг – Къостайы ном скадджын йӕ адӕмы сӕрыл тохы цӕхӕры. Уый йӕ фӕстаг улӕфты онг дӕр уыд адӕмы хуыздӕр хӕлар. 
Æрвылаз 28 –æм скъолайы Къостайы мысæн бонты æрæст æрцæуы бирæ мадзæлттæ. Конкурстæ хуыздæр къулгазеттæ 5 – 11 кълæсты æхсæн, нывджын иллюстрацитæ Къостайы уацмыстæм 1 – 4 кълæсты æхсæн. Мæйы дæргъы скъолайы ахуырдзаутæ архайдтой алыхуызон конкурсты. Плиты Миланæ, 10 къласы ахуырдзау архайдта Республикон флешмоб «Дæ кад мыггагмæ у цæрианг», кæцымæ басидт журнал «Ногдзау».
Плиты Миланæ æмæ 8 къласы ахуырдзау Кокойты Марат бацархайдтой конкурс «Ирон аив дзырды дæсны» - йы муниципалон этапы, кæцы ацыдис Къостайы номыл музейы.  Кокойты Марат ссис уæлахиздзау æмæ рахыст руспубликон этапмæ. Бацæттæ йæ кодтой ирон æвзаджы ахуыргæнæг Калоты Альбинæ æмæ  скъолайы литературон къорды сæргълæууæг, ирон драмон театры артисткæ Тыбылты Анжеликæ.
13 октябры 28 скъолайы актовон залы ацыд стыр бæрæгбон – конкурс «Ирон аив дзырд» - ы Республикон этап.
Æрбамбырд сты æнæхъæн республикæйæ муцниципалон этапы уæлахиздзаутæ. 
28 скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цыбыр равдыст, радзырдтой æмдзæвгæтæ æмæ ныхасы бар радтой архайджытæн.
Ерыс кодтой дыууæ номинацийы:  1. Къостайы кадæн хифыст æмдзæвгæ аив бакæсын.
2. Ацы аз æстай фæндзæм юбилей цы фысджытæн у, уыдон уацмыстæ аив бакæсын. Хостыхъоты Зинæ, Хъодзаты Æхсар, Дзасохты Музафер.
Архайджыты аив кастмæ сын хъуыстой уазджытæ æмæ нæ буц жюрийы уæнгтæ:
1. Æлбегаты Ларисæ – ирон драмон театры актрисæ
2. Нæкуысаты Иринæ – накæ æмæ ахуырады министрады национ хайады сæргълæууæг
3. Солтанты Джульеттæ – ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фæуæлдæр кæныны институты хистæр ахуыргæнæг
4. Гасанты Валерий – газет «Рæстдзинад» - корреспондент
5. Пагæты Фатимæ -  ирон драмон театры актрисæ
6. Хабæты Риммæ – сывæллæтты галуаны ахуыргæнæг
7. Хозиты Эльвирæ – 27 –æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
Бакасты фæстæ раныхас кодтой жюрийы уæнгтæ, Накуысаты Иринæ та скодта хатдзæгтæ,  бузныджы ныхæстæ загъта куыд архайджытæн, афтæ сæ цы ахуыргæнджытæ бацæттæ кодта, уыдонæн дæр. Уый фæстæ ппæты дæр базонгæ кодта республикон этапы уæлахиздзаутимæ.
Æмæ та Кокойты Марат ссис уæлахиздау! Марат аив бакаст Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Ирон æвзаг». Йæ каст та райдыдта хъисын фæндырыл цагъдæй. 
Фæстагмæ уæлахиздаутæ æмæ ахуыргæнджытæ систой иумæйаг къамтæ. 
Плиты Миланæ ма йæ тыхтæ бавзæрста Æппæтуæрæсейаг конкурс «Хуыздæр сочинени уырыссаг культурæйы тыххæй мадæлон æвзагыл». Фæстиуджытæ бæрæг нæма сты.
Мадзæлтты ма архайдтой ахуыргæнджытæ дæр. 11 октябры РИПКРО - йы ацыд наукон – практикон конференци «Коста Хетагуров в контексте современного национального образования». Харебаты Оксанæ бацæттæ кодта æмæ бакаст доклад «Ныхасы рæзтыл куыст Къостайы сфæлдыстадæй пайда кæнгæйæ æмæ йæ ахадындзинад ирон æвзаджы урокты». Гадаты Юля бацæттæ кодта æмæ бакаст доклад «Мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын ирон æзаг æмæ литературæйы урокты».
15 октябры, Къостайы райгуырæн боны,  5а кълас Гадаты Юляимæ æмæ 6б кълас Бирæгъты Алинæимæ ацыдысты Нармæ экскурсийы. Экскурсовод та уыди Хъесаты Иинæ, туристон къорд «Скиф» - ы сæргълæууæг.
Мах, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, архайæм не скъоладзаутæм Фыдыбæстæмæ  уарзондзинад рæзын кæнын, Къоста ирон адæмæн цы фарн ныууагъта, уымæн кад кæнын, мадæлон æвзагмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын. Æмæ нын мæнмæ гæсгæ æнтысы. Дарддæр дæр нæ фæлтæрддзинад парахат кæндзыстæм.
Къоста кæд цыппор авд азы йеддæмæ нæ фæцард, уæддæр ныууагъта йæ зæрдæйы рухс бирæ цы адæмы уарзта, уыдонæн.
Æмæ цалынмæ зæххыл иу ирон адæймаг уа, уæдмæ нæ ахуысдзæн. Æрттивдзæн стъалыйау, тавдзæн хурау, рухс кæндзæн амонд æмæ фæрнæйдзаг бæстæмæ фæндæгтæ.


Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг 
Методикон иугонды сæргълæууæг  Харебаты Оксанæ

Вернутся к списку

ТЕЛЕФОНЫ:

+7(8672)41-11-26 
+7(8672)41-11-27

@mail: vladikavkaz.28@mail.ru


362040, РСО - Алания, г.Владикавказ, ул. М.Горького, 39